Цин æрцыди ’мæ цæл æрцыди,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Чи нæ нæ уарзы — цæмæ ’рцыди?
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Уæлæ къуыппыл уæд Сиукъатæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рахæссут нын уæд сыкъатæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Уæлæ комы — гæнгæлытæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рахæссут нын бæгæнытæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Уæлæ дурыл уæд нурытæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рахæссут нын дзаг дурынтæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Йæ фарсмæ та сагджын адаг,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Рахæссут нын адджын арахъхъ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Сæ артдзæсты мын — къæлæтджын,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Хистæр уазæг у хæйрæджджын,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Сæ хæндыджы уæд джитъыри,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Фысым нæ схæсдзæн иу къуыри,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Цин æрцыди ’мæ цæл æрцыди,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Чи нæ нæ уарзы — цæмæ ’рцыди?
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Уæлæ цары — бумбулитæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Нæ сыхæгтæ — маймулитæ,
Уæ-рæйдæ, уæй, уæрæйдæ ’мæ.
Слова и музыка народные
«Музыкальная культура осетин» © 2012
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
ӃОNА еще тексты
Другие названия этого текста
- Ансамбль «Къона» - Кæстæйрæгтæ (0)
- ӃОNА - Кæстæйрæгтæ (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1