Ма рауадзæ, ме 'нсувæр,
Задæлескмæ фæццæуай.
Арфетæ искæнæ
Нæ уорс цъопп хуæнхтæн.
Дигори коми нарæг фæндæгтæ,
Кæцитæ баримæхстонцæ зинæгтæй.
Баковæ, æнсувæр, нæ рохс Нанайæн,
Ка нæ исхаста лæгæт къонайи.
Баковæ Иристони кадгин Изæдæн,
Ке рæуæги зæнхæбæл байзадæнцæ адæн.
Базард:
Берæ цæретæ, берæ цæретæ,
Адгин куд уайтæ адæни зæрдæтæн.
Ка нæ зæнхæбæл фервæзун кодта,
Нæ Мади Майрæм - Задæлески Нана.
Знæгтæ ниппурхстонцæ алæнтти кæнттæмæ,
Синхæгтæ ралигъдтæнцæ фæйнæрдæмæ.
Хъайтар фæсевæдæй неке æрбацудæй,
Еци сау хæстæй уарзон бундормæ.
Байзадæнцæ уоми сифтæртау зелгæ,
Æнæкъум сабитæ кæугæ 'ма неугæ.
Дигори Нана сæмбурд сæ кодта,
А фæстæ Задæлескмæ сæ никкодта.
Олег Тайсаев еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2