Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Олег Тайсаев и Скиф Баззаев - Иры зар (2010 low voice rmx) | Текст песни

«Иры Зар»
Мæ Ирыстон. Ахæм бæстæ дунейыл кæм и?
Диссаджы адæм дзы уарзонæй цæрынц.
{Ирæттæ хохы дзуæрттæм кувынц,
Кæхцыты бонты Хуыцауимæ дзурынц,
Джеоргуыбамæ ’нхъæлмæ кæсынц.} x2

Базард:
Амонд дын хæссы сомбон,
Нæ уарзон хæдзар, нæ Ирыстон.
{Ирон æгъдауæй, дыгуры фарнæй,
Уæларвы тыхгæ къуыдары зардæй
Бирæ нын цæра, нæ Ирыстон!} x2

Мæ Ирыстон. Ахæм бæстæ дунейыл кæм и?
Хохы дзуæрттæ нæртон быдырмæ фарн хæссынц.
{Къуыдары адæм сæрæн, амалджын,
Кафт æмæ зарæгмæ Хуыцауæй хайджын,
Знæгты ныхмæ фидар лæууынц.} x2

Базард.

Мæ Ирыстон. Ахæм бæстæ дунейыл кæм и?
Нæ зад быдыртæ бирæ бæркад хæссынц.
{Дыгур уалдзæджы хор фæтауынц,
Фæззæджы бирæ бæркады фидауынц,
Кæрæдзиуыл фидар хæцынц.} x2

Базард.

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-