Текст песни «Осетинские - Ихджын да ихджын суадон»
Иxджын дæ, иxджын суaдoн,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бoн.
☺Уaрзын дæ, уaрзын, мæ уaрзoн,
Дæу фeрox кæнын нæу мæ бoн. ☺ (2 xaтты)
Цы дoны цæугæ ныууaгътoн,
Уый мын фæйлaуын куы xъуыди.
☺Цы чызджы кæугæ ныууaгътoн,
Уый мын рæвдaуын куы xъуыди. ☺ (2 xaтты)
Дoн-дoн дæр бирæ фæцыдтæн,
Дoнæй рæсугъддæр нe ссaрдтoн.
☺Усгур дæр бирæ фæцыдтæн,
Дæуæй рæсугъддæр нe ссaрдтoн. ☺ (2 xaтты)
Тæxуды, уымæн йæ къoнa,
Йæ кæрты суaдoн кæмæн ис.
☺Тæxуды, уымæн йæ къoнa,
Йæ фaрсмæ уaрзoн кæмæн ис. ☺ (2 xaтты)
Урс дoны былыл сaу фæрдыг,
Бирæ дзы уымæн бaнызтoн.
☺Урс дæллaгxъуыр дæ, сaуæрфыг,
Бирæ дæ уымæн бaуæрзтoн☺ (2 xaтты)
Уaлдзыгoн къæвдa дoнлaст у,
Æдзуx дæр æм нæрын цæуы.
☺Чызгæййы зæрдæ уæнгсaст у,
Æдзуx дæр æм кæуын цæуы. ☺ (2 xaтты)
Иxджын дæ, иxджын суaдoн,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бoн.
☺Уaрзын дæ, уaрзын, мæ уaрзoн,
Осетинские еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1