Искуы мын куы бауарзай æндæр чызджы –
О мæ бон, гъе уымæй дын куыд тынг тæрсын.
{Искæмæн куы райхалай дæ рухс фæндтæ,
Аскъуындзæнис уæд мæнæн мæ сонт зæрдæ.} x2
Базард:
{Сусæг уарзон раппæлинаг нæу.
Сусæг уарзон адджын у цæмæн?
Бауарзтон æз ме ’намондæн дæу –
Басыгъдтай мæ сонт зæрдæ мæнæн.} x2
О, Хуыцау, ныппар ын, фаг кæй нæ куывта,
Уарзты цинæн аргъ кæнын кæй нæ зыдта.
{Бафæлварон схъарм кæнын йæ салд уды.
О, Хуыцау, мæн фехъус, – æз дæумæ кувын.} x2
{Базард} x2
Ме ’намондæн бауарзтон дæу, ’вæццæгæн,
Гъе та кæд ыстыр амонд ды дæ мæнæн.
{Кæд Хуыцау фæлварæнтæй бæрæг кæны,
Уымæн дæ мæ уарзты тых мæнæн дæтты.} x2
{Базард} x2
Подробнее: http://region15.ru/docs/music/file/1207/
Осетинские мелодии..Марина Хутугова еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1