Балы тала иу дидинæг рафтыдта,
Мыдыбындз æй адджын тæфæй базыдта.
Ратæхы йæм, зилгæ-зилгæ ал' райсом,
Дидин дзуры: "æз æвзонг дæн, о, мае бон.
Бауадз уал мæ, хуры хъарммæ байрæзон,
Чи зоны дæ, о, тæнбазыр, бауарзон."
Бындз райдайы уæд рæвдаугæ дзурынтæ:
"О, мæ къона, ма мæ фæсур, курын дæ.
Бакæс ма мæм, æз куыд кæнын ленчытæ,
Хуры тынты цæст нæ лæууы ме 'рттывдмæ. "
Атухы йæ урс дидин йæ дарæсы,
Сусæг ныхас изæрмæ нæ фæсысы.
О, чызджытæ, ма æууæндут лæппутыл,
Адджын байау нæу, чызджытæ, мой кæнын.
Ма йæм бæллут, сонт рæвдз зондæй судзæг у,
Сайды фæуын амæлæтмæ дудаг у.
Акæсут-ма хъæуыгæрон бандонмæ,
Дыууæ уарзон амондагур бæлонмæ,
Се 'взонг риуты тагъд-тагъд хойынц зæрдæтæ,
Цъах нæууыл та акъул ысты с' аууæттæ
Осетинские мотивы10 еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1