Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

ОСЕТИЯ Сухраб Будайчиты и Альбина Секинаева - Зæрди дæгъæл | Текст песни

Мæ хори тунæ, мæ цини фæлдес,
Мæ зæрди хунæ, мæ уоди æмбес.
Ме 'хсæвон мæйæ, мæ ирд æстъалу,
Мæ бони радæ, мæ цæсти гагу.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Мæ ходгæ фæрдуг, мæ царди бæлон,
Мæ къæлæт æрфуг, ци ма дин зæгъон.
Уарзондæр мин дæ мæ уод, мæ цæстæй,
Зæгъун дин æргон, æнæ римæхстæй.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Нæ зонис ду уой, æз дæ куд уарзун,
Мæ зæрди дуар дин игон ку дарун.
Чи арæх бæллун нæ чини зармæ,
Амонд, ку 'рлæуун дæ зæрди дуармæ.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Æй, æмæ уодзæй кæдзос уарзт не 'хсæн,
Æз æмæ ду ан уомæн æвдесæн.
Ме 'хсæвон мæйæ, мæ ирд æстъалу,
Мæ бони радæ, мæ цæсти гагу.

*Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл. (2 хатти)

*Раттæ мин дæ зæрди дæгъæл. (2 хатти)

**К.З.

Другие названия этого текста
  • Сухраб Будайчиты и Альбина Секинаева - Зæрди дæгъæл (0)
  • ОСЕТИЯ Сухраб Будайчиты и Альбина Секинаева - Зæрди дæгъæл (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2
Видео
Нет видео
-