Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Парсиаты Заур - Бæрзонд | Текст песни

Фæллой фæкодтай, ныр бабын и,
Дæ цард уыди цæттæ.
Цы бонмæ бæллыдтæ, уый нал цыди,
Æнæхицау бæстæ…
Уый ивгъуыд,
Уый ивгъуыд у.
Зæрдæйæн маст уыд фаг.
Ныр размæ,
Ныр размæ цу.
Æмраст рæсугъд фæндаг.

Нæма, нæма ныл тавы хур, фæлæ нæ,
Не ‘стæм рох, не ‘стæм рох.
Цыма, цыма йæхи цæттæ кæны зонд
Ног диссаг фæлтæртæм, ног диссаг фæлтæртæм.

Цырд лæу, размæ тындз,
Ма ‘руадз дæ фындз.
Цырд лæу, размæ тындз,
Ма ‘руадз дæ фындз.

Фæлвары цард мæн æмæ дæу аллы бон.
Сайды ма фæуы, сайды ма фæуы.
Зоны амонд алкæмæн дæр йæ ном.
Афтæ мæм кæсы, афтæ мæм кæсы.

Тай ра та та,
Та ра ра ра,
Та а а а а,
Тара та тау.

Уæд та ма тарниз?
Уæд та ма хæст?
Уæд та ма хæйрæг нæма у æфсæст…
Уæд та ма хинтæ?
Уæд та ма цæст?
Уæд та ма азæххæн йæ хицау æвзæрст?!

Нæма, нæма ныл тавы хур, фæлæ нæ,
Не ‘стæм рох, не ‘стæм рох.
Цыма, цыма йæхи цæттæ кæны зонд
Ног диссаг фæлтæртæм, ног диссаг фæлтæртæм.

Тай ра та та,
Та ра ра ра,
Та а а а а,
Тара та тау.

Тай ра та та,
Та ра ра ра,
Та а а а а,
Тара та тау.


Парсиаты Заур еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1