Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Песня посвящена Калуховой Элине. (Слова Риммы Хабаевой, музыка и оранжировка Сергея Оганесяна.) - Мады арфата- Лана Нартикова | Текст песни

Мады арфæтæ
Уарзон фыд йæ чызджы цинæй буц у
Абон йын \"Рæствæндаг у\" зæгъдзæн
Уарзаг цæстыты цы уарзты рухс йы,
Уый йæ фарны фæндæгтæ кæндзæн.
Мад æмæ чызджы астæу цы уарзт йы,
Уымæй хъармдæр, адджындæр уарзт нæй
Ныр сæ сæрмæ худгæ хур 'скасти
Æмæ цæ рæвдаудзæни фæрнæй
1.
О, Хуыцау, æндæр мыккагмæ абон
Мады рухс тын акъахдзæф кæндзæн
Сусæг цæссыг мады уды бады
Уый йын ныр фæдзæхстытæ кæндзæн
Мидбыл худгæ рахиз къахæй бахиз
Мады Майрæм бахъахъхъæнæд дæу
Уы æнусма рухс амондæй артхуыз
Цард, мæ къона, боны дæргъæн нæу
Базард (2 хатты) :
Мад æмæ чызджы уарзт у æнусон
Цæр, мæ дуне, уалдзæгау рæсугъд
Хæц æнусмæ де 'гъдау æмæ кадыл
Уæд дæ фæндаг раст æмæ 'нцон
2.
Иу мыккагæй иннæмæ куы 'ркувай
Стыр Хуыцау дæ арфæгæнæг уæд
Мады хъæбыс искæд бон куы мысай,
Уæд дæ сæрмæ мидбыл худæд зæд
Бинонтæм чызджы хъарм зæрдæ бахæс
Мады фарн дæ зæрдæйы цæрæд
Сыхбæстæм иу мидбыл худгæ ракæс
Амонд дæ йæ дæлбазыр кæнæд
Базард (2 хатты)
Проигрыш
3.
Зонд цæуы дæ амондæн мæ къахыл
Ды, мæ хур, мæ боны рухс дæ, зон!
Фестæнт дын мæ фæллæйттæ æлутон
Царды хос дын баскъуыхæд мæ уд
Базард ( 2 хатты )

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-