Дæумæ дзорæн, нæ Иристони еумæйаг мадæ, нæ кадгин Задæлески Нана. Дæумæ дзорæн, нæ седзæр сувæллæнтти ервæзунгæнæг, нæ дзæбæх Нана. Дæубæл зарæн, Задæлески Нана!
Задæлески Нана уæд ку бадзоруй:
«Силгоймæгти номæй сумахмæ дзорун,
Седзæр сабийтæн ирд бонтæ корун.
И сувæллæнттæ тæрегъæд æнцæ,
Фæйнердæмитæ фæццæудзæнæнцæ.
Еци сабийтæ ку фесæфонцæ,
Ескæми уазали ку ниссæлонцæ.
Мæ зæрдæ уоми ку ратондзæнæй,
И цард мин адгин нæбал уодзæнæй».
Задæлески Нана уæд ку бадзоруй:
«Уазай æфцæгбæл бахезун гъудæй,
И фидбилиз ба нæ фæсте цудæй.
Сæхолидонæй ку баниуазтан,
Нæ рист иуæнгтæ уæд ку райвазтан.
Мæ минкъий хортæ, кæми хæтетæ,
Дони астæути кумæ цæуетæ?
Адзали къохæй цал уоди райстон
Уорс фæцъелæй сæ мæ зæрди барстон».
Задæлески Нана уæд ку бадзоруй.
Æносмæ рохсаг — нæ уарзон мадæ.
Некæд фесæфдзæй дæуæн дæ кадæ!
Изæдти хæццæ дæ ном æвæрæн,
Дигоргоми ба — рæсугъд циртдзæвæн…
«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Р. Кульчити еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1