Æрцæйцæгъдæ, цæй, Зæрийнæ,
Дæ фæндурæй уæрæйда.
Ци ес хуæздæр æмзарийнæ,
Зонæ уомæн æ пайда.
Мaбaл кæнæ æрхунбадæ,
Æркæнæ нин симди цагъд.
Дæу æй гъенур кафти радæ,
Æрцæйкафæ, цæй, ду тагъд.
Зонун, зонун æз, Зæрийнæ,
Цæбæл фæууй дæ мæтъæл.
Кæд дæ фæндуй сугъзæрийнæ,
Æрцæгъдон дин уæд хæтæл.
Æрцæйцæгъдæ, цæй, Зæрийнæ,
Еумæ цардæн æ пайда.
Дæ фæндур уæд сугъзæрийнæ
Зарæ си, цит, уæрæйда.
{Æрцæйцæгъдæ, цæй, Зæрийнæ,
Дæ фæндурæй уæрæйда.
Ци ес хуæздæр æмзарийнæ
Зонæ уомæн æ пайда.} x3
Слова и музыка народные
«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Р. Цæллагати, Х. Цуцийти, С. Елойти еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1