Куы мын æрхæссай æндæр рæсугъды,
Æппынæдзух дæр æз уымæй тарстæн.
Мæ зонд фæлидздзæн мæнæн мæ сæрæй,
Мæ зæрдæйæ та нæй лидзæн уарзтæн.
Дæ рæсугъд зардмæ, дæ рæсугъд кафтмæ
Мæ мидфыны дæр æнхъæлмæ кастæн,
Фæлидздзæн ахсæв мæ хуыссæг дардмæ,
Мæ зæрдæйæ та нæй лидзæн уарзтæн.
Дæ буц ныхас мæ фæхоны дардмæ,
Дæ тызмæг фæкаст æгъгъæд у мастæн.
Æнцойдзинад мæ фæлидздзæн дардмæ,
Мæ зæрдæйæ та нæй лидзæн уарзтæн.
Кæй фæнды, уый мæ нымайæд сонтыл:
Дæ цæстытæй мæм мæ фидæн разынд.
Кæны уæлахиз мæ зæрдæ зондыл,
{Мæ зонд фыццаг хатт æдыхдæр разынд.} x2
Слова Музафера Дзасохова, музыка народная
«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Римма Илурова еще тексты
Другие названия этого текста
- Римма Илурова - Мæт (0)
- rimma ilurova - mæt (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1