Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт.
{Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ,
Цъæйдон — Цъæйыкомы зæрдæ.} x2
О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын,
Демæ мæ æрфæндыдис тæхын.
{Айсæфтис мæ рыст уæнгты фæллад,
Цæйдон, дæ базыртæ мын ратт.} x2
Амонд мæм Цъæйыкомæй æрцыд,
Рухс аргъау йæ конд æмæ йæ уынд.
{Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы,
Цъæйдон, йæ минæвар фæуын.} x2
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Уый хур нæу, уый у мæ судзгæ уарзт.
{Æмæ, цæй, мæ зарæджы хъæлæс,
Цъæйдон, мæ уарзон мæ фæхæсс.} x2
Æмæ, цæй, мæ зарæджы хъæлæс,
Цъæйдон, мæ уарзон мæ фæхæсс.
«Музыкальная культура осетин»
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Римма Илурова еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1