Роман Джихаев (старший)
«Æз кæй агуырдтон»
Бæрзонд уæларвæй цы стъалы куырдтон,
Æз кæй агуырдтон, амонд кæй хуыдтон,
Сæууон Бонвæрнон, уый зæххыл ссардтон.
Базард:
Æгас цу уæдæ, хæрзконд чызг-уазæг,
Мæ амонды хай, Хуыцауы лæвæр.
Дæуæй ысрæсугъд мæ царды уалдзæг,
Ды байгом кодтай мæ зæрдæйы дуар.
Æз кæй агуырдтон майрухс изæрты
Ирон фæндыры сызгъæрин зæлтæ,
Уыцы чызгимæ мæн кафын фæнды.
Базард.
Уарзондзинады бæрзонд ыстъалы
Дæ сау цæстыты тæмæнтæ калы,
Æз кæй агуырдтон, сæууон Бонвæрнон.
Базард.
Рацагъд.
{Базард.} x2
Роман Джихаев еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 4