Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Роман Джихаев - Дон-дон | Текст песни

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.☺ (2 хатты)

Цы доны цæугæ ныууагътон,
Уый мын фæйлауын куы хъуыди.
☺Цы чызджы кæугæ ныууагътон,
Уый мын рæвдауын куы хъуыди.☺ (2 хатты)

Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн,
Донæй рæсугъддæр не 'ссардтон.
☺Усгур дæр бирæ фæцыдтæн,
Дæуæй рæсугъддæр не 'ссардтон.☺ (2 хатты)

Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ кæрты суадон кæмæн ис.
☺Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ фарсмæ уарзон кæмæн ис.☺ (2 хатты)

Урс доны былыл сау фæрдыг,
Бирæ дзы уымæн банызтон.
☺Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг,
Бирæ дæ уымæн бауæрзтон☺ (2 хатты)

Уалдзыгон къæвда донласт у,
Æдзух дæр æм нæрын цæуы.
☺Чызгæййы зæрдæ уæнгсаст у,
Æдзух дæр æм кæуын цæуы.☺ (2 хатты)

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
☺Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.☺ (3 хатты)

Другие названия этого текста
  • Роман Джихаев - Дон-дон (0)
  • Осетины - Ихджын да суадон (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-