ФÆЛМÆН ХУР
Цæмæ бæллыдтæн мæ цæргæбонты,
Æз уый ыссардтон дæ уынд, дæ конды.
Æз никуы федтон ахæм рæсугъды,
Мæй кæмæй кæсы, хур кæмæй худы.
Уарзондзинад у мæ царды бындур, —
Зæрдæйы арвыл рæсугъд фæлмæн хур.
Амæндты хуыздæр, мæ цин мын райхал,
Сызгъæрин уалдзæг мæ риуы райхъал.
Мæ цин мын райхал, фæсур мæ катай,
Ды мын базыртæ тæхынмæ радтай.
Мæн та хæрзамонд æндæр нæ хъуыди,
Фырдиссагæй мæ тæхын фæндыди.
Цæмæ бæллыдтæн мæ цæргæбонты,
Æз уый ыссардтон дæ уынд, дæ конды.
Роман Джихаев (мл.) еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2