Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Роман Джихаев - Фыдыбæстæ | Текст песни

Æз райгуырдтæн цъæх-цъæхид арвы бын,
Фыдыбæстæ, мæ авдæн мын уызтай.
Куы нæ зыдтон æдæрсгæйæ цæуын,
Уæд мæ фыдрын фыдбылызæй хызтай.

Куыд бафидон дæ буц рæвдыд дæуæн,
Фыдыбæстæ, мæ удæнцой, мæ бон.
Мæнæн æнæ дæу иу бон цард дæр нæй,
Мæнæн æнæ дæу рухс дуне – зындон.

Æрыздæхтæн æз дард балцæй хъæумæ,
Ныййарæгау мæм худгæйæ кæсыс,
Фыдыбæстæ, мæ зæрдæйы куы дæ,
Уæд дын, зæгъ-ма, куыд акæнон хъæбыс.

☺ Куыд бафидон дæ буц рæвдыд дæуæн,
Фыдыбæстæ, мæ удæнцой, мæ бон.
Мæнæн æнæ дæу иу бон цард дæр нæй,
Мæнæн æнæ дæу рухс дуне – зындон. ☺ (2 хатты)

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-