Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

самая красивая композиция - Дæ зæрди дæгъæл | Текст песни

Мæ хори тунæ, мæ цини фæлдес,
Мæ зæрди хунæ, мæ уоди æмбес.
Ме 'хсæвон мæйæ, мæ ирд æстъалу,
Мæ бони радæ, мæ цæсти гагу.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Мæ ходгæ фæрдуг, мæ царди бæлон,
Мæ къæлæтæрфуг, ци-ма дин зæгъон.
Уарзондæр мин дæ мæ уод, мæ цæстæй,
Зæгъун дин æргон, æнæ римæхстæй.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Нæ зонис ду уой, æз дæ куд уарзун,
Мæ зæрди дуар дин игон ку дарун.
Ци арæх бæллун нæ цини зармæ,
Амонд, ку 'рлæуун дæ зæрди дуармæ.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Гъай, æма уодзæй кæдзос уарзт не 'хсæн,
Æз æма ду ан уомæн æвдесæн.
Ме 'хсæвон мæйæ, мæ ирд æстъалу,
Мæ бони радæ, мæ цæсти гагу.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Раттæ мин дæ зæрди дæгъæл.

самая красивая композиция еще тексты


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-