Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сауасса - Æз цæуын | Текст песни

Слова Исидора Козаева, музыка Ахсара Джигкаева

Æз цӕуын, мӕ фыдызӕхх ысгарын,
Уафын ыл мӕ къахвӕндӕгтӕй тын.
Куы мӕ фӕндаг сӕрсӕфӕнтӕм дарын,
Куы ӕнӕдон быдырты хӕтын.

Разыны мӕ нысан ноджы дардӕй,
Фӕлӕ зын нӕ тӕрсын кӕны мӕн.
Хъарм хуыссӕн нӕ агурын фӕлладӕй,
Сты нӕ хӕхтӕ гобанау фӕлмӕн.

Уыдонӕн сӕ риуы цӕф ӕнкъарын,
Баиу ис нӕ зӕрдӕтӕн сӕ куыст,
Мӕн ӕййафы фӕндӕгтыл сӕ уарын,
Мӕн ӕрсуры фӕндӕгтыл сӕ хъызт

Хур-ӕмбӕлццон сӕвдулы мӕн доны,
Бафӕллайын, уӕнгты тых сӕтты.
Мӕн нӕ фыййау арты фарсмӕ хоны,
Цуанон мын ӕмбӕлӕггаг дӕтты.

Æз цӕуын, ӕрлӕууӕн нӕй мӕ науӕн,
Не фсӕды нӕ хӕхты уындӕй цӕст.
Кӕд фӕцудон бӕрзӕндӕй мӕ хауӕн,
Кӕд мӕлон, уӕд бӕрзӕндыл мӕ дзӕхст!

Я иду

Я иду, исследую Отчизну,
Плету тропинками своими паутину.
И пусть меня дорога заведет хоть в бездну,
В безводную пустыню пускай я забреду.

Хоть цель моя виднеется все дальше,
Но трудностями я не устрашим.
Постели мягкой не ищу уставши,
Мне наши горы мягче всех перин.

Я их груди удары ощущаю,
Сердца же наши бьются в унисон.
Меня в пути дожди их нагоняют,
Мне их мороз бросается в догон.

Бывает что Солнце-попутчик водой покрывает,
Усталость всю силу у ног забирает.
Пастух в тот момент к огню приглашает,
Охотник мне чашу за встречу вручает.

Я иду, корабль мой всегда в движении,
Горами взор насытить не могу.
Уж коль споткнусь, так с высоты падение,
Коль суждено, в вершинах смерть найду!

Сауасса еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2