Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сауасса - Зæрдæ зоны | Текст песни

ЗÆРДÆ ЗОНЫ
(Музыка Сауассы, стихи Азау)

Дæ уарзты цин æндæры ды ысхуыдтай,
Æз дæр æндæрæн уарзты зын хæссын.
Уæд ма цæмæ кæсыс мæнмæ æнхъæлмæ?
Уæд ма цы ныфсæй æз дæумæ кæсын?

Зæрдæ зоны: нал и здæхæн.
Кæддæры уарзт мах нал рæвдаудзæн, нæй!
Уды хосæн уый æмбæхсы
Цы ныфс нæ комы ахицæн мæнæй.

Мæ цины нæ, фæлæ куы хъæрзы зæрдæ,
Мæ рухс бæллицы иу хæдзар лæууы.
Уым, зонын, ды кæсыс мæнмæ æнхъæлмæ,
Æмæ кæдфæнды æз дæумæ кæсын.

Зæрдæ зоны, нал и здæхæн,
Кæддæры уарзт мах нал рæвдаудзæн, нæй!
Уды хосæн уый æмбæхсы
Цы ныфс нæ комы ахицæн мæнæй.


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-