Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сауасса - Саг-арт | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Музыка Сауассы, стихи Азау

САГ-АРТ

Саг-арт цырен кæнын дыууадæссион.
Фæндыр-фæндаг цæуын дыууадæстæнон.

Арвысконд аргъæуттæн æгъгъæд фæуæд.
Абон мæхæдæг дæн кæлæнгæнæг.

Агурын... Бандæгъд мыл æнæрай фæнд —
Зæххыл кæм баззади Æрфæныфæд?

Арæнтæй ахызтæн нымæц фылдæр,
’Нахуыр зæл барызти мæ удкæмдæр.

Сывдылдтæн дæлдзæхы, зæххыл цыдтæн.
Цы нæ цин бавзæрстон, цы нæ рыстæн.

Бацыди исдуджы тъымы-тъыма,
Алкæм йæ мыр-мыр æз хъуыстон цыма.

Арвмæ ысрæмыгътон, — цы уа, уый уæд!..
Скæнæгмæ скодта мæн йæ арвон фæд.

Радта мын арвайдæн, мæ фæндты цин:
«Сæххæст дæ бæллиц ныр. Дæ балц фæци».

Æмæ мын равдыста арвайдæн уæд
Дæлдзæхæй арвы ’хсæн мæ балцы фæд...

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-