Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сауасса - Сау барæг | Текст песни

Музыка Сауассы, стихи Азау

САУБАРÆГ

Фæндаджы уæзгуытыл Уастырджимæ куывдтон,
Царды фыдвæндæгтыл æмбалæн æй хуыдтон.
Арвы бын иунæг зæд мæ куывдтæ фехъуыста, —
Февзæрд мæ развæндаг — мæ сæнттæ банкъуыста.

Фыццаг хæтæнхауæг, нæ сæнттыл саударæг,
Йе ’мбал-Хуыцауæй рох Сау хохы Саубарæг!
Дзуры мæм: «Ацы ’хсæв дæ фæндтæ размæ хæсс.
Нæ балц — æнæкæрон, — фæстæмæ ма фæкæс!
Дæ фæндтæй ма фæтæрс!»

Цы цардæй ацардтæн, цы дугъы бацыдтæн, —
Уæлхохмæ сирвæзтæн, уæларвмæ хъавыдтæн,
Афтæ фæстейæ дзырд мæ хъустыл ауади:
«Чидæр æнамондыл базыртæ базади!»

Уайтагъд дызæрдыг мын мæ зæрдæ балхъывта:
«Миййаг кæд сау æхсæв сау бонæй раивта?»
Фæкастæн фæндагмæ... Барæг мæм бадзырдта:
«Фæстæмæ чи кæсы, тæхын кæд базыдта, —
Фесæфта базыртæ!»

Йæ сау нымæты мын мæ сæнттæ атыхта.
Фæтары уый адыл, — бонрухсæй асыгъдтæн.
Цал æхсæв арвыстон Сауцæсты агурæг! —
Гъей-джиди, иу хатт-ма амбæл мыл, Саубарæг!..

Фæлæ мын байрæджы... Зынвадат айнæджы
Бонкæнæн арæныл фесæфтон Барæджы.
Æхсæвы армдарæг, иунæгыл аудæг
Ацыд мæ марцуйы фæндаджы Сатæг зæд,
Бонцъæхты афардæг...

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Популярное сейчас
Видео
Нет видео
-