Музыка Сауассы, стихи Азау
ТАЙМУРАЗÆН
Фыдæлты таурæгъ мæ фæдзæхста:
Мæ амонд басудздзæн дæуыл.
Бæллиццаг уарзтæн мæ æвзæрстай —
Æнæ дæу равзæрстон цæрын.
Мæ уарзты тарф æмбæхст фæндæгтыл
Дæ бæхы къæхты хъæр цыди.
Мæ хъал зæрдæйы сусæг фæндты
Дæуæн лæджы бынат уыди.
Йæ бон ныккала рагон таурæгъ,
Нæуæг æвдисæн та йын ис.
Æнæздæх дардмæ цыд мæ барæг,
Æгæнæн баввахс мемæ рис
Цæф Донычызгæй уарзттæрфæнты
Æнæсконд кадæгæй мæлын.
Мæ зæрдæйы æнæныфс фæндты
Дæ бæхы къæхты хъæр цæуы.
Фыдæлты таурæгъ мæ фæдзæхста:
Мæ амонд басудздзæн дæуыл.
Бæллиццаг уарзтæн мæ æвзæрстай —
Æнæ дæу равзæрстон цæрын.
Сауасса еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1