Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сауасса - Халонау заердае фаетаехы | Текст песни

ХАБÆТЫ МАМСЫРÆН

Бирæ тынтæ-иу нывæнды мæ зæрдæ,
Бирæ цæуылдæр хъуыды æз кæнын.
Сатæг-сау мигътæ куы бадынц мæ сæрмæ, –
Уæ, Ир, дæуыл-иу æз мигъы кæуын.

Халонау зæрдæ кæдæмдæр фæтæхы,
Зилы кæмдæрты… Цы агуры уый?
Мигъы кæмдæрты уый уарын æртæхы,
Хъæдбынты, агургæ, балхынцъ, ныссуй.

Сау мигъы, сау мигъы зæрдæ фæриссы,
Хъæрзгæ дзыназы… Æнкъардæй лæууы.
Уæ, Ир, дæ мæстæй уый хуылфы æнхъизы,
Æдзæрæг бæсты дæуыл уый кæуы.

Зонын, хъæдгæмттæй куыд риссынц дæ фæрстæ.
Ниуын дæуыл, Ир. Фæрс-ма мæ: «Цæмæн?»
Ме ‘намонд бæстæ, мæ райгуырæн бæстæ,
Ницы хорз ракодтон, ницы дæуæн…

Зон ды, мæ хæлар, мæ Иры зынтимæ
Бастæй мæ зæрдыл æдзухæй лæууыс.
Уарзон æфсымæр, мæ алы мæтимæ
Алырдæм мигъы ды мемæ тæхыс.

МАМСУРУ ХАБАЕВУ

Сердце моё будто светом сияет,
Тяжкие думы терзают меня.
Мрак чёрных туч надо мной нависает, –
Ир мой, в тоске вспоминаю тебя.

Вороном чёрным душа унесётся,
Где-то витая... Что ищет она?
В тёмном лесу она ливнем прольётся,
Словно слезу, мою скорбь оброня.

Сердце моё в этом мраке рыдает,
В муках тоски еле бьётся оно,
Больно тебе – и его разрывает
В этой безжизненой мгле заодно.

Знаю, от ран ты живёшь, Ир, стоная.
Вместе с тобою и я, плача, жил.
Край мой несчастный, Отчизна родная,
Жаль, что так мало тебе я служил.

3най, друг, с моей ты тоской по Отчизне
Связан навечно. Вы – в сердце моём.
Брат мой любимый, с печалью по жизни
Вместе с тобою во мгле мы идём.

Алихан Токаев (1893 - 1920)

Перевод Романа Хугати

Сауасса еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1