Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сауасса - Чи дæ? | Текст песни

ЧИ ДÆ?
(Музыка Сауассы, стихи Исидора Козаева)

Æз цæуын, æз мæ фæндаг æрдзмæ дарын,
Сирмайæ мæ сагъæс-най луарын.
Алæууын æз мæ мидбынат æдзынæг
Зонгæ æрдзмæ бакæсын лæбмынæг.
Сиды: «Чи дæ?»

Бæлæстæ мæ ысгарынц сæ уырзтæй,
Хуры тын мæ зыхъхъыртæй ыссардта.
Арв цыма фендæр и йæ кондæй,
Мигъы цæссыг бафæдис бæрзондæй, —
Сидынц: «Чи дæ?»

Цæй, цы кæнон æз дарддæры хъæстытæ?
Бамбæрстон æй: дуне у цæстытæ.
Ратт ын дзуапп йæ æргом фарст, йæ сидтæн, —
Ралæуу æмæ зæгъ æргомæй, чи дæ.

Æхсæрдзæн мæм дзуры уынæргъгæ
Æмæ тарстхуызæй ыстахтысты мæргътæ.
Бамбæхстæн æхсæвы дæлвæччи
Дзурынц мæм ыстъалытæ: «Нæ фæтчы!»
Сидынц: «Чи дæ?»


Сауасса еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2