Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сводный мужской хор Южной и Северной Осетии - Кады Зарæг (Хуссар Иры гимн) | Текст песни

КАДЫ ЗАРÆГ
(Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Гимн)

Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн
Лæууæм цырагъау мах уырдыг,
Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн,
Ды – нæ цин æмæ хъыг!
Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард,
Дæ ном дын исæм бæрзонд,
Удуæлдай дын кæнæм лæггад,
Дæуæн у нæ цард нывонд!

Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт!

Уæззау уыд дæ ивгъуыд, Иры бæстæ,-
Зылди дæ фæдыл сау фыдох,
Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны рæстæй
Кодтой дæ зынтæ рох.
Царды рухсмæ æдзух цыдтæ,
Фыдбонты нæ саст дæ ныфс,
Сæрбæрзонд алкæддæр уыдтæ,
Æргомæй размæ цæуыс!

Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
Иры дзыллæйæн фæндагамонд ратт!

Фыдæлты æрдхæрæн, Иры Уæзæг!
Зæрдæйы тæгтæй дæ нывæзт,
Ацы дунейы нын масты уæзæй
Ма у дих æмæ уæрст,
Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном,
Бæрзонддæр кæнæд дæ кад,
Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом,
Дæ фæрцы рухс у нæ цард!

Уæ, Бæсты Фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ –
Нæ уарзон Ирæн Ды иу амонд ратт!
Ном æмæ йын кад!

Автор музыки Гимна РЮО – известный осетинский композитор Феликс Алборов, член Союза композиторов СССР, заслуженный деятель искусств Грузии, лауреат премии им. К. Хетагурова.
Автор слов – поэт, драматург Тотраз Кокаев, член Союза писателей РФ.
Гимн утвержден сессией Верховного Совета Республики Южная Осетия 5 мая 1995 года.

Сводный мужской хор Южной и Северной Осетии еще тексты


Другие названия этого текста
  • Сводный мужской хор Южной и Северной Осетии - Кады Зарæг (Хуссар Иры гимн) (0)
  • Æлборты Феликс - Хуссар Иры гимн (0)
  • Иугонд Ирыстон - Кады Зарæг (0)
Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1