Фæрсыс мæ, гыцци, цæмæн ныхъхъус дæн,
Мæ саулагъз дзыкку цæмæн фæхалас.
Цæмæн фæцыди сæ хуыз мæ рустæн,
Цы кæнон, зæрдæ нæ быхсы сау маст. (2 хатты)
Мæ развæндагыл цы стъалы сыгъди,
Бæрзонд арвæй мæм цы стъалы хъазыд.
Уый фарон уалдзæг æрбайсæфт, гыцци,
Мæ сæр уæд ысурс, мæ сæр уæд разылд. (2 хатты)
Уæдæй фæстæмæ цъæх арвмæ хатын,
Кæнын мæ сагъæс мæйрухс æхсæвтæн.
Цы кæнон, гыцци, кæнын дзæгъæлтæ,
Мæ зæрдæ адих цыргъ карды цæфæй. (2 хатты)
Фæлæ йын уæддæр йæ зæлдаг фынтæ
Куы фенон искуы кæйдæр фæрссагæй,
Куы мæ фæсайой кæддæры фæндтæ,
Тæрсын æз уымæй, тæрсын фæлтауæй. (2 хатты)
Фæцагурдзынæн æй арвы кæрæтты,
Фæлæ йæ, гыцци, куы нуал ыссарон,
Уæд ацы зарæг æрвылрагуалдзæг
Æнустæм хъуамæ нæ хæхты зарон. (2 хатты)
Сослан Дзуцев еще тексты
Другие названия этого текста
- Сослан Дзуцев - Гыцци (сл. Сергей Хачиров, муз. Зинаида Хабалова, обр. С. Дзуцев) (0)
- Сослан Дзуцев - Гыцци (минус) (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2