Куы 'рцæуын æз мæ горæтмæ,
Йæ уынгтыл ын куы азилын
Мæхи: æз ам æцæгæлон,
О, бауырнæд уæ! Фенхъæлын:
Цы фесты, уый 'ппæт лæппутæ,
Цы бæстæм фесæфтой сæ сæр? —
Нал хъуысы ныр уыдонмæ нæ хъæр.
Кыу 'рцæуын æз мæ горæтмæ,
Йæ уæлмæрдмæ куы бакæсын —
Æз уым мæ бон мæ æмгæрттæн
Сæ ингæнтыл куы фæкæуын:
Цы фесты Иры хъæбултæ?
О, Стыр Хуыцау! Ды йæ уыдтай —
Нæ бахызтай... Тæргай нæм дæ, тæргай...
Сослан Кулумбеков еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1