Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Станислав Гаглоев - О, уыцы дыууæ сау цæсты | Текст песни

О, уыцы дыууæ сау цæсты,
Мæ тæригъæдæй бастъæлат!
Цæмæн бахаудтæн у’ ахæсты,
Цæмæн базыдтон уарзты ад?

Уæ иу фæкастæй атайын,
Хуссары митау, хуссары.
Бæргæ уæ рохыл архайын,
Фæлæ уыйбæрц тых чи ссары!

Мидбыл худгæ мыл атыхсут
Хъызтзымæджы дæр, уалдзæгау.
Зæрдæйы фатау аныхсут
Æмæ фæвæййын уадзыгау.

Мауал мæм кæсут, ма кæнут,
Мауал мæ судзут алы бон!
Уæд та мæ иу сыгъд бакæнут
Æмæ уæ искуы фервæзон!

Слова Георгия Дзугаева, музыка Феликса Алборова

«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Станислав Гаглоев еще тексты


Другие названия этого текста
  • Пётр Мукагов - О, уыцы дыууæ сау цæсты (0)
  • Станислав Гаглоев - О, уыцы дыууæ сау цæсты (0)
Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 4