Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

суадон - 5фырттыл зараг | Текст песни

Кодта цин мæ сыхаг лæг Илюш,
Радта, дам, мын фондз фырты мæ ус!
Фæлæ цин нæ ахаста дзæвгар -
Уал фыртæй нæ фæрæстмæ цыппар.
Фыццаг лæппу рауади хуыздæр.
Афтæ тынг кæцæй, фæлæ уæддæр....

Дзæуджыхъæуы иу хæдзары фондз лæппуйы ис,
Къабæзтыл, ныййарджытыл бафтыдтой фыдниз.
А дунейы цот ныккæнын зын куы нæ у, зын,
У бæрнондæр, у сæйрагдæр се'схъомыл кæнын

Дыккаг хъæбул нозтмæ 'здæхт фæцис,
Кæм куывдтыл, кæм хистытыл зылдис,
Æртыккаг фырт кодта хыл æдзух,
Алыбон тымбылæй хаста къух.
Иу рæстæджы баййæфта æфхæрд,
Милицæмæ бацыди йæ фæд.

Дзæуджыхъæуы иу хæдзары фондз лæппуйы ис,
Къабæзтыл, ныййарджытыл бафтыдтой фыдниз.
А дунейы цот ныккæнын зын куы нæ у, зын,
У бæрнондæр, у сæйрагдæр се'схъомыл кæнын

Цыппæрæм фырт загъта: "Нæй мæнæн
Иу бон дæр æнæ усæй цæрæн!"
Алы аз дæр устытæ куырдта,
Стæй-иу сæ сæ хæдзæрттæм сырдта.

Дзæуджыхъæуы иу хæдзары фондз лæппуйы ис,
Къабæзтыл, ныййарджытыл бафтыдтой фыдниз.
А дунейы цот ныккæнын зын куы нæ у, зын,
У бæрнондæр, у сæйрагдæр се'схъомыл кæнын

Фыртты кæстæр - буцаххуыр, зынаргъ -
Ронбастмæ æруагъта боцъо даргъ.
"Фенцон дын", - йæ фыдæн-иу дзырдта. -
"Чъиритæ æз кувдзынæн ныр та!"

Дзæуджыхъæуы иу хæдзары фондз лæппуйы ис,
Къабæзтыл, ныййарджытыл бафтыдтой фыдниз.
А дунейы цот ныккæнын зын куы нæ у, зын,
У бæрнондæр, у сæйрагдæр се'схъомыл кæнын


суадон еще тексты


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-