Уæд махæй бирæтæ фæмарди,
Нæ кæнæм абон дæр ма рох
Гасанты сахъ лæппу Омарби,
Куыд кодта знаджы ныхмæ тох.
Базард:
Кæддæр уыд мах карæн уый азтæй,
Нæ фæзтыл азæлыд йæ зард,
Рæсугъдæй ногдзауы ном хаста,
Фæлæ йын байста знаг йæ цард.
Тæхуды, бæстæйы хæс бафтид!
Зын сахат алчидæр дзырдта.
Гасанты сахъ лæппу Ханафи
Сæ хъæуæй не знæгты сырдта.
Базард.
Нæ тарсти тохы ногдзау знагæй,
Йæ ныхмæ уый цыдис æргом,
Нæ ферох уыдзæн никуы махæй
Гасанты 'фсымæртæн сæ ном!
Базард:
Кæддæр уыдысты махау азтæй,
Нæ бæстыл азæлыд сæ зард.
Рæсугъдæй ногдзауы ном хастой,
Фæлæ сын байста знаг сæ цард.
Суадон еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1