О,мæ Хуры хай,рæсугъд чызгай,
Ды дæ æнусмæ мæ цард,мæ цин.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.
Фæрнæй фæцæрай мын мæ царды дидинæг,
Ды мын æссыгътай мæ риу.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.
О,мæ Дуне,фæрнæй цæрай,
Æхсызгон мын у, дæ уынд, дæ конд,
Дæу цы бон федтон, мæ хуры хай,
Уæдæй дын мæ цард нывонд.
Дæу цы бон федтон, мæ хуры хай,
Уæдæй дын мæ цард нывонд.
Фæрнæй фæцæрай мын мæ царды дидинæг,
Ды мын æссыгътай мæ риу.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.
О,къуымбыл дзыкку,сау рæсугъд,
Ды дæ æнусмæ мæ цард, мæ цин.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.
Суанты Ким еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1