ЗАРÆГ «ИРЫ ЛÆППУТÆМ»
Зары Суанты Федыр. Ныхæстæ — Цырыхаты Михал. Музыкæ — Суанты Федыр.
* * *
Уынгмæ-иу ракæсут, Иры лæппутæ,
Æмæ фæцин кæнæм а зæххы кондыл...
Чидæр та райхæлдта мæйы дзыккутæ,—
Уалæ æрхаудысты хæхты фæсонтыл. (2 хатты)
Комы сын фестади суадон фæтдзæгъдæн,
Къæдзæхты тигътæ та — ног чындзы пирæн.
Уартæ сæм бавнæлдта дымгæ, æнхъæлдæн,
Æмæ сæ цухъхъайаг уафы нæ Ирæн... (2 хатты)
Мæйæн йæ дзыккутæй доны фæндырæн
Хъистæ куы скæниккам, уый мæ æрфæндид:
Кæд æмæ ал’ изæр хъæлдзæг быдырæн
Диссаджы хъæлæсæй зарæг нывæндид... (2 хатты)
Суанты Федыр еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1