Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сухраб Будайчиты - Дидинæг ма ракал | Текст песни

Дидинæг ма ракал, дидинæг ма ракал —
Байхъус мæм, ма у къуырма.
Дидинæг калынæн, дидинæг калынæн 
Уалдзæг нæма ’рцыд нырма.

Уый мæм нæ байхъуыста, коммæ нæ бакасти —
Йе стыр уарзт райхæлд уæддæр.
{Амонды базыртыл, амонды базыртыл
Иунæг бон калдта цæхæр.} x2

Иннæ бон карз зымæг, урс бæхыл хъазгæйæ,
Зæххмæ фæзынди æваст.
Гъе, мæгуыр дидинæг, гъе, мæгуыр дидинæг,
Миты сæр бамыр дæ уарзт.

Хуры иу ракастæй, боны иу бахудтæй
Чи фергом афтæ æгæр?
Ау, уый куыд чи уыди? Чи хъуамæ уыдаит
Хивæнд зæрдæйæ æндæр?

Цард та цæрынæн у, о, зæрдæ, барвæндæй,
Ма кæн дæ фæндаг фыдвæд.
{Дининæг ма ракал, дидинæг ма ракал,
Уалдзæг куы не ’рцæуа, уæд.} x2

МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3
Популярное сейчас
Видео
Нет видео
-