Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Сухраб Будайчиты - Хъæбулæй амонд | Текст песни

Хъæбул 'стыр цин цы амонд дæтты,
Æз уый агуырдтон арвы кæрæдты,
Æз уый агуырдтон мæ хуыздæр азты,
Сызгъæрин хуры фæлмæн 'скасти..

Хъæбулæй амонд цæй тынг зынаргъ дæ,
Бæрзонд уæлæрвтæй мæ дзырдмæ тахтæ,
Зæрдæйы ныхас уæлæрвтæм хъусы,
Ныр хурау худыс мæ хъарм хъæбысы.

Хъæбулæй амонд зæрдæйы мæсыг,
Хъæбулæй амонд мæ цины цæсыг,
Æз æй агуырдтон хæххонон бæсты,
Æрв дидинджыты сæууоны хæсты.

Хъæбулæй амонд цæй тынг зынаргъ дæ,
Бæрзонд уæлæрвтæй мæ дзырдмæ тахтæ,
Зæрдæйы ныхас уæлæрвтæм хъусы,
Ныр хурау худыс мæ хъарм хъæбысы.

Мæн афтæ фæнды, мæ адджын кæстæр,
Бирæ куыд уарзай нæ Иры бæстæ,
Ирон лæджы ном бæрзонд куыд хæссай,
Фыдæлты зæххæн цытæн куыд баззай.

Хъæбулæй амонд цæй тынг зынаргъ дæ,
Бæрзонд уæлæрвтæй мæ дзырдмæ тахтæ,
Зæрдæйы ныхас уæлæрвтæм хъусы,
Ныр хурау худыс мæ хъарм хъæбысы.

Уалдзæг рæсугъд у йæ худгæ хурæй,
Ныййарджытæ та сæ буц хъæбулæй,
Цы хур уыл ракæст, цы цин æрцыди,
О, уыцы амонд нырмæ кæм уыди?

Хъæбулæй амонд цæй тынг зынаргъ дæ,
Бæрзонд уæлæрвтæй мæ дзырдмæ тахтæ,
Зæрдæйы ныхас уæлæрвтæм хъусы,
Ныр хурау худыс мæ хъарм хъæбысы.(2 хатты)

**К.З.


Сухраб Будайчиты еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3