КУЫДЗЫ МÆЛÆТ
Æхсæв, сау мигъ кæм хуыссы ’ввонгæй,
Каубын ихау, кæм ныкъкъæдз сындз,
Уым фыдзæронд æмæ стонгæй
Марди бур-бурид митыл куыдз.
Уый хуыссыди куыдзау тымбылтæй,
Кодта дзæмбытыл хъарм йæ рус.
Тагъди цæстытæм миты тъыфылтæй
Æмæ хæдзары рудзынгæй рухс.
Хъуысти кæртмæ фæрныг фысымтæй
Гъæйтты зарæг, фыдрасгуыты дау,
Æмæ хицауы къухы фысы стæг
Дардмæ ’рттывта, цырагъы зынгау.
Ферох куыдзæй, кæй хызта рагæй
Уыцы сау фысы — рафтыд йæ тых
Æмæ бирæгъы тигъджын дæндагæй
У нырыонг йæ синæй кьуылых.
Уымæй ферох, кæй уыд æлвæст риу,
Тары цæстæй нæ ивгъуыдта мыст,
Уымæй ферох æппæтдæр, æрмæст-иу
Хатгай йе ’фсæры къæдз ныррызт.
Кæртмæ рахызти иу афон хицау,
Ыстæг раппæрста, айвæзта ком,
Фæлæ нал хъуыди куыдзы ницы, —
Уымæн йе ссыртæ нал кодтой гом.
Таймураз Хаджеты еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1