Мæ Ирыстон, куы бафсæдин
Æз зарынæй дæуыл,
☺Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,
Дæ цæрарйæ цæрын.☺ (2 хатты)
Базард:
Мæ Ирыстон, дæ лæггæдтæ
Нæ бафыстон - сæттын,
Нæ бафыстон - сæттын.
Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,
Мæ зæрдæ дын дæттын.
Мæ зæрдæ дын дæттын.
Ды мæн гыццийау, сабийæ,
Мæ авдæны уызтай,
☺Куы мæ æрвыстай ахуырмæ,
"Куыд дæ хъæбул", - фыстай.☺ (2 хатты)
Базард.
Ды хоныс мæн дæ дидинæг,
Мæ удæн уый у æхцон.
☺Кæд бахъæуон дæ хæрзæгæн,
Æртон-иу мæ æртон.☺ (2 хатты)
Базард.
Тамара Фидарова еще тексты
Другие названия этого текста
- Тамара Фидарова - Мæ Ирыстон (0)
- Тамара Фидарова - Ма Ирыстон (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1