Нæ фарны мæсыг фæтасыдис,
Ой, фæтасыдис.
Мæсыгамайæг фæрасыг ис,
Ой, фæрасыг и.
Никуы фæрысти æхсæны куысты
Никæддæр йæ цонг.
Æрымбырд ысты йæ алыфæрсты
Уырыты æрдонг.
Уыцы æрдонгæн йæ разамонæг
Tæрхоны бады.
Фыдсылы узæлд бынтон фæбæрæг
Йæ хæрзæрвадыл.
Сæ фарсмæ рабадт сæхи Никъолоз
Хуыснæг у фæлтæрд.
Сæ разагъды лæг бынтон ныкъозо
Арахъы æфхæрд.
Ирыстон абон — талынджы бæстæ,
Талынджы бæстæ.
Уымæн, æмæ у арахъы хъæстæ,
Арахъы хъæстæ.
Цæйут, æмбæлттæ, мауал ыстъæрæм
Ривæддоны цæхх!
Сыстæм уæлæмæ, асыгъдæг кæнæм
Уырытæй нæ зæхх!
Слова Сослана Моураова, музыка народная
МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН
vk.com/ossmus
¯¯\\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \\
Таму Берозты еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1