Туркаг ирон. Ныртæккæ цæры Германы. Уырдыгæй сдзырдта тилифонæй Цæгат Ирыстоны радиомæ æмæ раарфæ кодта Ног, 2008-æм азы бæрæгбоны фæдыл Иры адæмæн:
— <…> хорздзинæдтæ… дарддæр уын куыд сæмбæлын кæна æнæхъæн Ирыстоны адæмæн… Æз мах ирæтты уарзын… мæхи мадæлтæ, мæхи фыдæлтæ… уыдзæн нæ зæгъын… уыдысты, баззадысты, дарддæр мын уыдзысты мæ мадæлтæ, мæ фыдæлтæ… æмæ иу туг ыстæм мах, цалынмæ кæрæдзи уарзæм æмæ кæрæдзийæн кад кæнæм, дарддæр нæ Хуыцау дæр уарздзæни, нæ хъуыддæгтæ дæр уымæ гæсгæ размæ цæудзысты. Мах кæрæдзи куы нæ уарзæм, мах кæрæдзийы къухыл куы нæ хæцæм, уæд баззайдзыстæм дæлæ рыгы хуызæн…уæлæнгай… Æмæ нæ дымгæ та алырдæм ахæсдзæни æмæ нын æвгъау уыдзæни. Рацæут æмæ мæнæ Къоста куыд загъта афтæ «раттæм кæрæдзимæ нæ къухтæ» æмæ дарддæр фидарæй куыд фæцæрæм, кæрæдзи уарзгæйæ. Афтæ нын Хуыцау бантысын кæнæд… Ног азы хорз… хорздзинæдтæ нын сæмбæлæд, не ’ппæтæй, иумиагæй æмæ … мæ рæсугъд адæм, мæ цытджын адæм, æз уæ бирæ уарзын. Дарддæр уын Хуыцау бирæ цæрæнбонтæ радтæд, амонджынæй, адджынæй куыд фæцæрæм, афтæ.
Туркаг ирон еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 5