Дигорон текст
* * *
Бауарзтон рæсугъд кизги,
Хори тунау æрттевуй.
Арф ниххизтæй мæ зæрди.
Ци зæрдесгæ ’й, тæходуй! (дууæ хатти)
Базард:
Къупп-къупп кæнгæ рацæуис,
Ходæзмолæ бакæнис,
Мæнæрдæмæ никкæсис,
Зæрдæ реуæй исесис. (дууæ хатти)
Ма цо, ма кæнæ, æрлæууæ!
Мæ зæрдæмæ мин никкæсæ —
Фур уарзтæй æз ку мæлун,
’Ма дин æй æргом зæгъун. (дууæ хатти)
Базард:
Къупп-къупп кæнгæ рацæуис,
Ходæзмолæ бакæнис,
Мæнæрдæмæ никкæсис,
Зæрдæ реуæй исесис. (дууæ хатти)
Ехх, ку зонисæ уæддæр
Ци дессаг цард кæнисæ
Мæ уарзти зæрдæ дæуæн
Æнæвгъауæй раттинæ (дууæ хатти)
Базард:
Къупп-къупп кæнгæ рацæуис,
Ходæзмолæ бакæнис,
Мæнæрдæмæ никкæсис,
Зæрдæ реуæй исесис. (дууæ хатти)
Мæ дессаг фæндури цагъдмæ
Мæргътæ бæрзонд тæхунцæ,
Цъæбар-цъубургæнгæ еумæ
Тумбул зелæ кæнунцæ (дууæ хатти)
Базард:
Къупп-къупп кæнгæ рацæуис,
Ходæзмолæ бакæнис,
Мæнæрдæмæ никкæсис,
Зæрдæ реуæй исесис. (дууæ хатти)
======
Ирон тæлмац
* * *
Бауарзтон рæсугъд чызджы,
Хуры тынау æрттивы.
Арф ныххызти мæ зæрдæмæ.
Цы зæрдæскъæф у, тæхуды! (дыууæ хатты)
Базард:
Къупп-къупп кæнгæ рацæуыс,
Худызмæл бакæныс,
Мæнырдæм ныккæсыс,
Зæрдæ риуæй сисыс. (дыууæ хатты)
Ма цу, ма кæн, æрлæуу!
Мæ зæрдæмæ мын ныккæс —
Фыр уарзтæй æз куы мæлын,
Æмæ дын æй æргом зæгъын. (дыууæ хатты)
Базард:
Къупп-къупп кæнгæ рацæуыс,
Худызмæл бакæныс,
Мæнырдæм ныккæсыс,
Зæрдæ риуæй сисыс. (дыууæ хатты)
Ехх, куы зонис уæддæр
Цы диссаг цард кæнис
Мæ уарзты зæрдæ дæуæн
Æнæвгъауæй раттин (дыууæ хатты)
Базард:
Къупп-къупп кæнгæ рацæуыс,
Худызмæл бакæныс,
Мæнырдæм ныккæсыс,
Зæрдæ риуæй сисыс. (дыууæ хатты)
Мæ диссаг фæндыры цагъдмæ
Мæргътæ бæрзонд тæхынц,
Цъыбар-цъыбургæнгæ иумæ
Тымбыл зилæнтæ кæнынц (дыууæ хатты)
Базард:
Къупп-къупп кæнгæ рацæуыс,
Худызмæл бакæныс,
Мæнырдæм ныккæсыс,
Зæрдæ риуæй сисыс. (дыууæ хатты)
Уалити Альберт еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3