Уынгмæ-иу ракæсут, Иры лæппутæ,
Æмæ фæцин кæнæм а зæххы кондыл…
{Чидæр та райхæлдта мæйы дзыккутæ,—
Уалæ æрхаудысты хæхты фæсонтыл.} x2
Комы сын фестади суадон фæтдзæгъдæн,
Къæдзæхты тигътæ та — ног чындзы пирæн.
{Уартæ сæм бавнæлдта дымгæ, æнхъæлдæн,
Æмæ сæ цухъхъайаг уафы нæ Ирæн…} x2
Мæйæн йæ дзыккутæй доны фæндырæн
Хъистæ куы скæниккам, уый мæ æрфæндид:
{Кæд æмæ ал’ изæр хъæлдзæг быдырæн
Диссаджы хъæлæсæй зарæг нывæндид…} x2
Слова Михаила Цирихова, музыка Фёдора Суанова
«Музыкальная культура осетин» © 2012
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Фёдор Суанов еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1