Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Феликс Царикъати - Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон гимн | Текст песни

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон гимн

I

Зæрин хур йæ нывæнды фæлмæн
Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй...
Арвы бын калы, фæрдыгау, тæмæн
Ирыстон йæ адæмты фарнæй.


Заманты тарæй æрттивы, зынгау,
Дæ уидаг — нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн...
Барвæсс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау!
Уастырджи, рафæлгæс, табу — Дæхицæн!

Базард:

Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс!
Амондæй абузæд, ронгау, дæ цард!
Амонд, мысайнагау, фидæнма хæсс!
Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт!

II

Фæлтæрæй-фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн!
Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт!
Хистæры намыс, кæстæры æхсар!
Хурау дын царды цырагъдарæг уæнт!

Базард:

Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс!
Фарнимæ абузæд, ронгау, дæ цард!
Амонд, мысайнагæy адæмтæн хæсс!
Уастырджи, рафæлæс! Табу — Дæхицæн!

Феликс Царикъати еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1