Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Хаджеты Таймураз - Æмæ уæддæр | Текст песни

У сабыр горæт: рухс æмæ фæлмæн.
Мæ къæхты хъæр, зæрдæйы цæфау
Хъуысы...
Уæ къæсæрыл, сыгъзæрин сомау, мæй
Æрцауындзæг и. У дæ къуым
Йæ фысым.
Уæ цырагъ судзы. Хъарм уаты хуыссы,
Фыры хъулау, дæ чысыл фырт,
Æрфынæй.
Йæ мад ын, авгау, хауынæй тæрсы,
Цы 'фсады уый дæ узæлдæй,
Тæлфынæй.
Дæ рæсугъдыл нæма ауыгътай къух,
Æви нымайыс хибар уаты
Бонтæ?
Æви нæ дæ мысинаг зынтæй цух, -
Дæ удæн чи у рог цардæй
Æхцондæр?
Рæуфын дыл цадæг баппары йæ хыз,
Æмæ дæ маст æртайы гъеуæд,
Митау.
Дæу раджы-раджы ферох и мæ хуыз,
Æрмæст ма хатт фæзыны уый
Дæ митыл.
Дæ цæссыг уæд æнæрхæцгæ тæдзы,
Хæрзæхсад къус нызгъæлæн вæййы
Зæххыл.
Фынкриуæй къада денджызмæ тындзы,
Фæстæмæ та, фæлмæн мигъау,
Ыздæхы.
Нæ, амондмæ нæртон лæг у хæлæг!..
Мæ хуызæнæй та сфæлдисæг
Цы домы? -
Уый, сабиау, æвæсмон у, тæлтæг,
Йæ саргъы бынмæ сираг бæх
Нæ комы.
Хæрзæхсæв у, мæ рагбонты æвгъау,
Кæй нæ фæрса дæу бафхæрынмæ
Йе 'взаг,
Дæ удыскондмæ чи æрхæсса фау,
Мæрдты дæр уый мæнæн уыдзæни
Ме знаг.
Мæ зæрдæ мын нæ зæгъы никуы мæнг:
Æнæ дæу мын мæ цины бон дæр
Маст у...
Мæнæй дæ рох, йæ ног фыднизы лæг
Куыд айрох кæны иннæ низты,
Афтæ!...

("Æмæ уæддæр", Хаджеты Таймураз)


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-