«Нæртон симд»
Слова Ахсара Чеджемова, музыка народная
Æрсимут-ма нæртон симдæй
Нæртон сахъгуырдтæ саг марынц,
Æрсимут-ма æнгом симдæй,
Æнгом адæм та цард арынц.
Базард:
Тæхуды мæ йæ цæргæйæ
Зæххыл рæсугъд фæд чи уадзы,
Йæ хорз фыдæлты зæрдæйæ
Йæ ирон бæстæ чи уарзы.
Æрцæгъд-ма, чызг, дæ фæндырæй,
Дæрдтыл хæссон мæ къабæзтæ,
Мæ зарæджы зæлгæ мыртæй
Мæ цин зæгъон, мæ сагъæстæ.
Базард
Мæ худгæ хур фæскоймаг у.
Æз æм цæудзынæн а фæззæг.
Бæсты фидауц сылгоймаг у.
Хæрзуд сылгоймаг – фарнхæссæг.
Базард
Уæд ахæм амонд кæстæрты,
Буц нын куыд дарой хистæрты.
Бахизæд фарн сæ къæсæртыл,
Зæххыл рæсугъдæй чи цæры.
{Ирон зарæг – нæ Бонвæрнон,
Тæмæнтæ кал дæ рухс зæлтæй.
Фыдæлты кад, фыдæлты ном
Бæрзонддæр уæнт нæ урс хæхтæй.} x2
{Фыдæлты кад, фыдæлты ном
Бæрзонддæр уæнт нæ урс хæхтæй.} x2
Хахты залта еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2