Тар хъæды бæлас нын калын нæ комы,
Ой, æмæ, калын нæ комы.
Куы кала, уæддæр хъæды кæронмæ,
Ой, æмæ, хъæды кæронмæ.
Нанайы буц чызг нын моймæ нæ комы,
Ой, æмæ, моймæ нæ комы.
Куы кома, уæддæр хъæуы кæронмæ,
Ой, æмæ, хъæуы кæронмæ.
Горæты фаетон – къареты хуызæн.
Тæхуды гъе уым цæуынæй бафсæд.
Мæнæн мæ уарзон – къафеты хуызæн.
Тæхуды йемæ цæрынæй бафсæд.
Терчы бабызтæ куы ’рбамбырд вæййынц,
Куыннæ дзы вæййы бæлоны хуызæн.
Иры лæппутæ куы ’рбамбырд вæййынц,
Куыннæ дзы вæййы мæноны хуызæн.
15 Rus
Хахты залта еще тексты
Другие названия этого текста
Хахты залта - Терчы бабызта (0) Vardan - Mar (0) Видео
Ossetia - Ансамбль Хахты Залта part 1 Ансамбль Хахты Залта part 1. ... Хахты залта и Ансамбль Сармат Худ рук Эдуард Гугкаев Терчы бабызта - Duration: 3:57. by Эдуард ...
Оценка текста
Как вам текст?
1 out of 5
2 out of 5
3 out of 5
4 out of 5
5 out of 5
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2