Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

ХАХТЫ ЗАЛТА - Тулдз балас | Текст песни

Зæронд тулдз бæлас тагау хус бауай мæ тæригъæдæй,
Дæ бындзарæй дæ хъæддзау акала йæ цыргъ фæрæтæй.

Базард:
Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы
Йæ уарзты кæрон, гъей.
Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ,
Ныр ма цы кæнон…

Йе науæд басудз арвы æрцавдæй ам хъæугæроны,
Дæ аууонмæ дын уæд нал бакæндзæн уарзон уарзоны.

Базард.

Æз дæм фыдæх дæн цæмæн, цæй тыххæй, уый дын зæгъдзынæн.
Мæнæн уыд уарзон, дзырдтон мæхицæн — чындзы цæудзынæн.

Базард.

Фæдæн фыдæнхъæл — мæн уый ныууагъта йæ уарзты кæрон,
Бахæлар, баиу æндæр чызгимæ — ныр ма цы кæнон.

Базард.

Хъæлдзæг адæмæй лидзын æз дардмæ, цæрын хъыгтимæ,
Мæнæн дзырдæуыд — дæ сатæг аууон фæбадынц бирæ.

Базард.

Ысхъæр ма мын кæн зæронд тулдз бæлас сæ сусæг фæндтæ,
Кæд цъус фæлæууид йæ судзгæ рыстæй мæ фæлмæст зæрдæ.

Базард.

ХАХТЫ ЗАЛТА еще тексты


Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 4
Видео
Нет видео
-