Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Хурзæрин - Ихджын дæ, ихджын суадон | Текст песни

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
{Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.} x2

Цы доны цæугæ ныууагътон,
Уый мын фæйлауын куы хъуыди.
{Цы чызджы кæугæ ныууагътон,
Уый мын рæвдауын куы хъуыди.} x2

Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн,
Донæй рæсугъддæр не ссардтон.
{Усгур дæр бирæ фæцыдтæн,
Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон.} x2

Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ кæрты суадон кæмæн ис.
{Тæхуды, уымæн йæ къона,
Йæ фарсмæ уарзон кæмæн ис.} x2

Урс доны былыл сау фæрдыг,
Бирæ дзы уымæн банызтон.
{Урс дæллагхъуыр дæ, сауæрфыг,
Бирæ дæ уымæн бауæрзтон.} x2

Уалдзыгон къæвда донласт у,
Æдзухдæр æм нæрын цæуы.
{Чызгæйы зæрдæ уæнгсаст у,
Æдзухдæр æм кæуын цæуы.} x2

Ихджын дæ, ихджын суадон,
Дæ былтыл цæуын нæу мæ бон.
{Уарзын дæ, уарзын, мæ уарзон,
Дæу ферох кæнын нæу мæ бон.} x3

Хурзæрин еще тексты


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-