Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Хусен Шалов - Лæууы ма мæ зæрдыл. осетия | Текст песни

Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст
Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас.
Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур.

{О, ой, уæрæйдæ, гъей,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур, гъей.} x2

Кæдæм мын фæлыгъдтæ, мæ уарзон тæргай,
Кæй лæппу дæ хоны йæхицæн ныр къай.
Дæ мидбылды бахудт, дæ иунæг фæкаст
Æмгæрон мæ риумæ куынæ уагътой маст.

{О, ой, уæрæйдæ, гъей,
Æмгæрон мæ риумæ куынæ уагътой маст, гъей.} x2

Уый раджы, уыд раджы, фæлæ ма уæддæр
Æз уыцы изæрты фæмысын ныр дæр.
Нæзы хъæды бæластæ бæрзонд арвыл мæй,
Нæ уарзон ныхæстæ рох не сты мæнæй.

{О, ой, уæрæйдæ, гъей,
Нæ уарзон ныхæстæ рох не сты мæнæй, гъей.} x2

Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст
Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас.
Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур.

{О, ой, уæрæйдæ, гъей,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур, гъей.} x2

«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Другие названия этого текста
  • Хусен Шалов - Лæууы ма мæ зæрдыл (0)
  • Хусен Шалов - Лæууы ма мæ зæрдыл. осетия (0)
  • ♥ - Лæууы ма мæ зæрдыл(осетинская) (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Популярное сейчас
Видео
Нет видео
-