Уалдзыгон хур нæ мидбылты куы худы,
Мидбылты куы худы, гъей.
Нæ сыгъдæг уарзт мын куы кæны тæхуды,
Куы кæны тæхуды, гъей.
Дæумæ куы фæкæсын нæ лæппуты æхсæн,
Нæ лæппуты ’хсæн, гъей.
Цырагъау уæд тайын дæ фæлмæн бакастæй,
Дæ фæлмæн бакастæй, гъей.
Нæ цинæй райхалди уалдзыгон дидинæг,
Уалдзыгон дидинæг, гъей.
Не ’нусон уарзтæн уый у нæ фидиуæг,
Уый у нæ фидиуæг, гъей.
Уалдзыгон хур нæ мидбылты куы худы,
Мидбылты куы худы, гъей.
Нæ сыгъдæг уарзт мын куы кæны тæхуды,
Куы кæны тæхуды, гъей.
«Музыкальная культура осетин» © 2010
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
«Хæхты зæлтæ» (сол. Эльвира Кусова) еще тексты
Другие названия этого текста
- ВИА «Хæхты зæлтæ» (сол. Эльвира Кусова) - Уалдзыгон дидинæг (0)
- «Хæхты зæлтæ» (сол. Эльвира Кусова) - Уалдзыгон дидинæг (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1