Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

ХЪУЫБАДЫ - ТЕРЧЫ БАБЫЗТА | Текст песни

Тар хъæды бæлас нын макуы ракала,
Ой, æмæ, макуы ракала.
Куы кала, уæддæр хъæды кæронмæ,
Ой, æмæ, хъæды кæронмæ.

Нанайы рæссугъд нын моймæ нæ комы,
Ой, æмæ, моймæ нæ комы.
Куы кома, уæддæр хъæуы кæронмæ,
Ой, æмæ, хъæуы кæронмæ.

Горæты фаетон – къареты хуызæн.
Тæхуды гъе уым цæуынæй бафсæд.
Мæнæн мæ уарзон – къафеты хуызæн.
Тæхуды йемæ цæрынæй бафсæд.

æфсирты астæу хъæдуры гага.
æппын æдзухæй йæ хъæдыл лæууы.
мæнæн мæ уарзон мæ уды гага.
æппын æдзухдæр мæ зæрдыл лæууы

Терчы бабызтæ куы ’рбамбырд вæййынц,
Куыннæ дзы вæййы бæлоны хуызæн.
Иры чызытæ куы ’рбамбырд вæййынц,
Куыннæ дзы вæййы мæноны хуызæн.

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3
Видео
Нет видео
-